Хуссар Иры боксертӕ расгуыхтысты Цӕгаты Иры фыццагады

CC0 / / Бокс
Бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дыууӕ боксеры Хуссар Ирыстонӕй рамбылдтой Цӕгат Ирыстоны фыццагад боксӕй, фехъусын кодта Sputnik-ӕн республикӕйы сӕйраг тренер боксӕй Дзигойты Ацӕмӕз.
Ивгъуыд улӕфт бонты Цӕгат Ирыстоны ацыд республикӕйы фыццагад ӕмӕ чемпионат боксӕй. Хуссар Ирыстон ерыстӕм раразмӕ кодта фараст спортсмены.
"Фӕсивӕд ӕрхастой фондз ӕвзист ӕмӕ дыууӕ сызгъӕрин майданы. Уӕлахиздзаутӕ систы Гӕбӕраты Алим ӕмӕ Джиоты Дмитрий", - загъта тренер.
Уый ма бафиппайдта, ацы ерыстӕ ахсджиаг уымӕй сты ӕмӕ дӕттынц фадат бӕрзонддӕр ӕмвӕзады ерысты хайадисынӕн.
Хуссар Ирыстоны командӕйы сконды уыдысты тренертӕ Дзигойты Ацӕмӕз, Коцты Вадим, Гӕбӕраты Гамлет ӕмӕ Куымӕридтаты Родионы хъомылгӕнинӕгтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0