Хуссар Иры иу къуыримæ регистрацигонд æрцыд дыууæ фыдракæнды æмæ иу ФТЦ

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри регистрацигонд æрцыд дыууæ фыдракæнды, кæцытæ раргом кодтой мидхъуыддæгты органтæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, майрæмбоны Дзауы районы Итраписы хъæуы кафетæй иуы æрцыд хыл æмæ уæлдæфмæ æхстытæ хæцæнгарзæй.
Цауы бынатмæ ацыдысты Дзауы районы мидхъуыддæгты хайады фæдагуырды-оперативон къордтæ æмæ Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (МСНК) экипаж, кæцытæ æрцахстой Цхинвалы æртæ цæрæджы. Зæрдæхсайгæты бакодтой наркологон дæлхайадмæ медицинон басгæрст рацæуынмæ, æртæ дæр разындысты нозтджын.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕрцыд мӕлӕтдзаг фӕндагон-транспортон цау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.03.2024
Цхинвалы хӕдтулгӕ ныццавта фистӕг бӕлццоны, кӕцы фӕмард бынаты
Итраписы хъæуы ноджы иу æхсыны цауы тыххæй хъусинаг æрбацыд Цхинвалы районы мидхъуыддæгты хайадмæ 10 марты. Милицийы кусджытæ æрурæдтой Цхинвалы Lexus GХ-46О хæдтулгæ, кæцыйыл скъæрдта горæты 40-аздзыд цæрæг. Йæ пассажирмæ милицийы кусджытæ ссардтой пистолет. Зæрдæхсайгæ уыд нозтджын.

Хæдтулгæйы адавд

Цхинвалы цæрæджы хæдтулгæ ВАЗ -2110 адавтой столицæйы базарадон центры парковкæйæ.
"Зианбаййафæг йæ куырдиаты банысан кодта, йæ хæдтулгæ кæй ссардта Путины уынгыл LAND ROVER хæдтулгæйыл буксирæй, фæлæ не ссардта 200 мин сомы, кæцытæ йын уыдысты йæ хæдтулгæйы. Фӕстӕдӕр зианбаййафӕг фехъусын кодта милицимӕ, кӕй ссардта йӕ ӕхцатӕ", - банысан кодтой МХМ.
Оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕрцахстой столицӕйы 51-аздзыд цӕрӕджы.

Республикӕйы фӕндӕгтыл уавӕр

Республикӕйы фӕндӕгтыл иу къуыримӕ ӕрцыд цыппар фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ), уый фӕстиуӕгӕн иу адӕймаг амард, ноджы иу та райста буары цӕфтӕ.
Афтӕ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 273 фӕткхалды. 16 шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0