Хуссар Иры МСНК сæргъ слæууыд Гæбæраты Алим

© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры МСНК
Хуссар Иры МСНК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бавдыста Хуссар Ирыстоны Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордæн (МСНК) ног разамонæджы – Гæбæраты Алимы, кæцы уый размæ уыд къорды командæгæнæджы хæдивæг.
МСНК раздæры командæгæнæг, милицийы инæлар-майор Тедеты Иналы ссæрибар кодтой йæ бынатæй йæхи фæндонмæ гæсгæ. Паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан загъта бузныг Тедеты Иналæн Фыдыбæстæйæн службæйы тыххæй.
"Ахæм скъуыддзаг рахаста йæхæдæг Тедеты Инал, йæ куыстмæ нæм фиппаинæгтæ нæ уыд. Уый у йæ Фыдыбæстæйы æцæг патриот æмæ бирæ сарæзта МСНК-æн. Мах иууылдæр бузныг дзурæм Тедеты Иналæн йæ службæйы тыххæй", - загъта президент.
Гаглойты Алан æрсидт МСНК кусджытæм, цæмæй балæууой сæ ног командæгæнæджы фарс.
© Photo : Пресс-служба президента РЮОГæбæраты Алим
Алим Габараев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2024
Гæбæраты Алим
Ног хабӕртты лентӕ
0