Хуссарирыстойнаг спортсмен рамбылдта ӕвзист майдан ЦКФЗ чемпионаты грэпплингӕй

CC BY-SA 2.0 / mikepesh / Грэпплинг
Грэпплинг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 мар – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Грэпплер Хуссар Ирыстонӕй Пӕррӕстаты Олег бацахста дыккаг бынат Цӕгат Кавказы Федералон зылды (ЦКФЗ) чемпионаты грэпплингӕй. Уый тыххӕй журналисттӕн фехъусын кодта спортсмены тренер Гобозты Эльбрус.
Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны командӕ хайад иста ӕвзарӕн ерысты Уӕрӕсейы чемпионатмӕ.
"Турниры Олег ауагъта цыппар тохы, уыдонӕй ӕртӕйы уый фӕуӕлахиз. Финалы уый фембылд ӕмӕ ссис ӕвзист майданы хицау", - загъта Гобозты Эльбрус.
Ирон спортсмен йӕ ӕнтысты фӕрцы хайад райсдзӕн Уӕрӕсейы чемпионаты, бахахх кодта тренер.
Ног хабӕртты лентӕ
0