Предвыборный плакат. Архивное фото  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.

Ацы уæззау рæстæджы ахсджиаг у балæууын Уæрæсе æмæ Путины фарс – Бесаты Зита

© Sputnik / Дмитрий Астахов /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин
Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 мар – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Уæрæсе у Хуссар Ирыстоны æдасдзинады ахсджиаг гарант, стратегион партнер, кæцы алыварсон æххуыс кæны республикæйæн. Уый тыххæй Уæрæсейы президент Владимир Путины æнцойæн митингы рæстæджы фехъусын кодта хуссарирыстойнаг парти "Ныхас"-ы лидер, РХИ парламенты депутат Бесаты Зита.
"Иууылдæр æй зонæм, куыд ахсджиаг у махæн стабилондзинад Уæрæсейы, куыд баст сты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе. Ацы паддзахад нæ республикæйæн у стратегион партнер, кæцы нын алыварсон æххуыс кæны. Мах зонæм æмæ æмбарæм, Уæрæсейæн ацы уæззау рæстæджы ахсджиаг кæй у балæууын йæ лидер – Владимир Путины фарс", - банысан кодта депутат.
Бесаты Зита баныфсæвæрдта, Хуссар Ирыстоны адæм УФ президенты æвзæрстыты рæстæджы кæй балæудзысты Владимир Путины фарс.
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин. Хуссар Ирыстоны территорийыл æвзæрстыты рæстæджы бакæндзысты 11 æвзарæн фадыджы.
© Мария ТедееваВладимир Путины æнцойæн митинг
В Цхинвале проходит митинг в поддержку кандидатуры Владимира Путина  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.03.2024
Владимир Путины æнцойæн митинг
Ног хабӕртты лентӕ
0