Путин Уæрæсейы фидæны тыххæй: æдасдзинад, ног технологитæ, аразгæ интеллект, генетикæ
© Sputnik / Максим Блинов
/ Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 мар – Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин радзырдта, цы йæ фæндыдиад, цæмæй Уæрæсейæн фидæны уа технологон экономикæ, кæцыйы бындуры сты æнтыстытæ зонад, аразгæ интеллект æмæ генетикæйы. Уый тыххӕй фехъусын кодта президент Владимир Путин йӕ интервьюйы журналист Дмитрий Кисилевӕн "России 1" ӕмӕ РИА Новостийӕн.
"Фидæн ис сывæллæтты къухты, уый тыххæй æз дзырдтон бинонтæ æмæ сабиты къабазы программæтыл. Фæлæ уыдон иууылдæр арæзт цæуынц экономикæйы базæйыл. Æз нывæндын, нæ экономикæ кæй уыдзæн нырыккон, кæцыйы бындуры сты æнтыстытæ зонад, техникæ, информацион технологитæ, аразгæ интеллект, робототехникæ æмæ генетикæйы къабазы. Хъæууон хæдзарад нын размæ цæуы, æмæ уым дæр хъæуынц нырыккон технологитæ. Уыдонæй активонæй пайда кæнынц, æмæ сæ дарддæр дæр пайда кæндзысты. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, паддзахад хъуамæ уа хæдбар йæ æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынад æххæст кæныны фадыджы. Уыдæттыл хъæуы кусын, цæмæй нæ фидæн уа ирд", - загъта Путин.