Уæрæсейы президент: ног регионтæн хъæуы æххуыс кæнын, фæлæ уыдон тагъд скусдзысты

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæПатриотикон акци
Патриотикон акци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 мар – Sputnik. Уæрæсейы ног регионтæн хъæуы æххуыс кæнын æмæ сæ ракæнын æппæтфедералон æмвæзадмæ, фæлæ уыдон тагъд скусдзысты, фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин йæ интервьюйы журналист Дмитрий Кисилевæн "России 1" æмæ РИА Новостийæн.
Кисилев йæ интервьюйы радта фарст ног регионты тыххæй, афтæ ма ской скодта уырыссаг горæт Одессайы тыххæй æмæ баныфсæвæрдта, ацы здæхтыл дæр гæнæн ис кæй уой æнтыстытæ.
"Ацы регионты алыхатт дæр цардысты бирæ адæм – климат дзы у иттæг хорз. Донбасс та у сæудæджерадон регион. Советон цæдис бирæ бавæрдта ацы регионы райрæзты, йæ металлургон фадыджы, алцыдæр дзы у бæрзонд æмвæзадыл", - банысан кодта президент.
Паддзахады сæргълæууæг бахахх кодта, ацы регионты кæй хъæуынц инвестицитæ, цæмæй дзы алцыдæр уа нырыккон, рауагъдад æмæ царды æмæ фæллойы уавæртæ адæмæн уой æмбæлон æмвæзадыл.
Владимир Путин бафтыдта, зæгъгæ, уырдыгæй ныридæгæн цæуынц хъалонтæ федералон бюджетмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0