https://sputnik-ossetia.com/20240314/khussar-iran-putin-ama-uarase-na-dikh-kanynts--gagloyty-alan-28328770.html
Хуссар Ирӕн Путин ӕмӕ Уӕрӕсе нӕ дих кӕнынц – Гаглойты Алан
Хуссар Ирӕн Путин ӕмӕ Уӕрӕсе нӕ дих кӕнынц – Гаглойты Алан
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 14 мар - Sputnik. Цалдӕр боны фӕстӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмбӕстӕгтӕ Хуссар Ирыстоны хайад райсдзысты Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты фӕдыл... 14.03.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-03-14T10:06+0300
2024-03-14T10:06+0300
2024-03-14T10:06+0300
уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
владимир путин
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0a/10/19445533_0:42:801:492_1920x0_80_0_0_4efa0a1baa25b1d8da3fae1e8b75b1b0.jpg
ЦХИНВАЛ, 14 мар - Sputnik. Цалдӕр боны фӕстӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмбӕстӕгтӕ Хуссар Ирыстоны хайад райсдзысты Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты фӕдыл хъӕлӕскӕнынады. Ацы ахсджиаг политикон цауӕн ис стыр нысаниуӕг нӕ бӕстӕйы адӕмӕн дӕр. Уый тыххӕй радзырдта РХИ президент Гаглойты Алан йӕ ныстуаны адӕммӕ.Хуссар Ирыстоны президент банысан кодта, Владимир Путинмӕ кӕй ис ахӕм миниуджытӕ, куыд бӕрндзинад, иузӕрдыгдзинад равзаргӕ хъуыддагӕн, хъӕбатырдзинад, уӕззау историон моментты скъуыддзӕгтӕ исыны зоныдзинӕдтӕ.Гаглойты Алан фидарӕй загъта, Хуссар Ирыстоны адӕм сӕ зӕрдӕты ныридӕгӕн кӕй сарӕзтой сӕ равзӕрст.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0a/10/19445533_44:0:755:533_1920x0_80_0_0_86ed8fd93f0d7cbccfbfcb32e2b6ec9b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, владимир путин
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, владимир путин
Хуссар Ирӕн Путин ӕмӕ Уӕрӕсе нӕ дих кӕнынц – Гаглойты Алан
ЦХИНВАЛ, 14 мар - Sputnik. Цалдӕр боны фӕстӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмбӕстӕгтӕ Хуссар Ирыстоны хайад райсдзысты Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты фӕдыл хъӕлӕскӕнынады. Ацы ахсджиаг политикон цауӕн ис стыр нысаниуӕг нӕ бӕстӕйы адӕмӕн дӕр. Уый тыххӕй радзырдта РХИ президент Гаглойты Алан йӕ ныстуаны адӕммӕ.
"Хуссар Ирыстоны иууылдӕр ӕмбарынц, куыд уӕззау уавӕр ис дунейы ӕмӕ цы уавӕрты ис куыд нӕ стратегион партнер, афтӕ нӕ паддзахад дӕр. Сӕ цӕдисон хӕс ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Хуссар Ирыстоны хӕстонтӕ сӕ уӕрӕсейаг ӕфсымӕртимӕ иумӕ сты тохы быдыры Донбасс ӕмӕ Запорожьейы зӕххыл. Мах зонӕм, ӕнӕ тыхджын Уӕрӕсейӕ кӕй нӕ уыдзӕн Хуссар Ирыстон дӕр. Ацы тохы гӕнӕн ис рамбулын, нӕ тыхтӕ куы ӕрбаиу кӕнӕм ӕмӕ куы балӕууӕм иунӕг лидеры фарс, уӕд. Уыцы лидерӕй адӕм уынынц Владимир Владимиры фырт Путины", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Хуссар Ирыстоны президент банысан кодта, Владимир Путинмӕ кӕй ис ахӕм миниуджытӕ, куыд бӕрндзинад, иузӕрдыгдзинад равзаргӕ хъуыддагӕн, хъӕбатырдзинад, уӕззау историон моментты скъуыддзӕгтӕ исыны зоныдзинӕдтӕ.
Гаглойты Алан фидарӕй загъта, Хуссар Ирыстоны адӕм сӕ зӕрдӕты ныридӕгӕн кӕй сарӕзтой сӕ равзӕрст.