Предвыборный плакат. Архивное фото  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.

Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты Хуссар Иры ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕнынц МХМ 700 кусӕджы

© Photo : Пресс-служба МВД РЮОУӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕнынц МХМ 700 кусӕджы
Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕнынц МХМ 700 кусӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕнынмӕ Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстыты рӕстӕджы ӕрбаздахтой барадхъахъхъӕнӕг органты 700 кусӕджы, хъусын кӕны майрӕмбоны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Министрады райсом раджы ацыд инструктаж кусджытӕн, кӕцытӕ хъахъхъӕндзысты ӕхсӕнадон фӕтк хъӕлӕскӕнынады бонты.
"Милицийы кусджытӕ райсом аст сахатӕй фӕстӕмӕ бавнӕлдтой сӕ службӕйон хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Барадхъахъхъӕнӕг органты 700 кусӕджы ӕрвыл суткӕйы дӕргъы сӕ цӕст дардзысты ӕхсӕнадон фӕткмӕ ӕвзӕрстыты фӕудмӕ", - банысан кодтой уагдоны.
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.
Ног хабӕртты лентӕ
0