Предвыборный плакат. Архивное фото  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.

Дисциплинæ æмæ фæтк: Æлборты Алан Уæрæсейы президенты æвзæрстыты тыххæй

© Sputnik / Natalia AiriyanÆлборты Алан
Æлборты Алан  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 мар – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы (ЦÆК) делегаци хайад исы Уæрæсейы президенты æвзæрстыты цæстдарджыты хуызы. Республикæйы парламенты сæрдар æмæ делегацийы уæнгтæй иу Æлборты Алан хатдзæгтæ скодта хъæлæскæнынады фыццаг бонæн, афтæ ма банысан кодта æвзарджыты дисциплинæйы бæрзонд æмвæзад.
"Мах æрцыдыстæм делегацийæ Хуссар Ирыстонæй цыппæрæмы æмæ майрæмбоны нæ уæрæсейаг коллегæтимæ ацыдыстæм æвзарæн фадгуытæм. Боны дæргъы мах бабæрæг кодтам 12 фадыджы Мæскуыйы алыгъуызон районты", - загъта спикер.
Æлборты Алан бахахх кодта, зæгъгæ, æвæрццаг моменттæй иу уыд æнцонвадат хъæлæскæнынад.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæстдарджытæ не сбæрæг кодтой фæткхæлдтæ æвзæрстыты рæстæджы.
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.
Ног хабӕртты лентӕ
0