Гаглойты Алан: Хъырымы Уӕрӕсемӕ ӕрбаиу кӕнынӕн ис егъау нысаниуӕг

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæМитинг-концерт
Митинг-концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik. Хъырымы Уӕрӕсемӕ ӕрбаиу кӕнынӕн ис егъау историон нысаниуӕг, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йӕ арфӕйы телы Хъырымы сӕргълӕууӕг Сергей Аксеновӕн ацы нысаниуӕгджын цауы 10-ӕм афӕдзы боны цытӕн.
"2014 азы марты ӕрдӕгсакъадахы адӕм равдыстой ӕппӕт дунейӕн хъырымаг характеры тых, уыдон схъӕлӕс кодтой Уӕрӕсеимӕ иудзинадыл, историон рӕстдзинад, сабырад ӕмӕ ӕдасдзинадыл", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Президент баныфсӕвӕрдта, Аксеновы сӕрмагонд хайадистӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Хъырымы ӕхсӕн хӕларадон ахастытӕ кӕй фидар кӕндзысты дыууӕ республикӕйы адӕмы хӕрзӕбонӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0