Хуссар Иры УУМ бафӕдзӕхста ӕвзӕр боныгъӕдӕй Транскамы

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik. Транскавказы автомагистралы хуссар фадыгыл къуырисӕры райсомӕй уары мит, шофыртӕ хъуамӕ уой арӕхстджын трассӕйыл кӕнӕ та бынтондӕр аргъӕвой сӕ балцытӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).
"Шофыртӕн, кӕцытӕ раивтой сӕ автотранспорты цӕлхытӕ зымӕгонтӕй сӕрдыгонтӕм, нӕ рекомендаци кӕнынц скъӕрын трассӕйыл", - банысан кодтой уагдоны.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0