Предвыборный плакат. Архивное фото  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ 2024
УФ президенты æвзæрстытæ нысан сты 2024 азы 17 мартмæ. Хъæлæскæнынад цæудзæн æртæ боны дæргъы – 15, 16 æмæ 17 марты. Паддзахады сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ сты – Леонид Слуцкий, Николай Харитонов, Владислав Даванков æмæ Владимир Путин.

Путин цӕуы фыццаг бынатыл Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстытыл хъӕлӕсты 87,31 процентимӕ

© POOL /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин
Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы архайгӕ президент Владимир Путин цӕуы фыццаг бынатыл президентон ӕвзӕрстыты 87,31 процентимӕ. Уый бӕрӕг ӕрцыд Уӕрӕсейы Централон ӕвзарӕн къамисы протоколты 99,7 процентыл бакусыны фӕстӕ, хъусын кӕны РИА Новости.
Уӕрӕсейы Федерацийы архайгӕ президент райста хъӕлӕсты 87,31%, Паддзахадон Думӕйы комитеты разамонӕг Дард Скӕсӕн ӕмӕ Арктикӕйы райрӕзты фӕдыл Николай Харитонов (КПРФ) райста хъӕлӕсты 4,30%, Паддзахадон Думӕйы вице-спикер Владислав Даванков ("Новые люди") – 3,83%, ЛДПР сӕрдар Леонид Слуцкий – 3,21%.
Хъӕлӕскӕнынад цыд ӕртӕ боны: 15, 16 ӕмӕ 17 марты.
Ног хабӕртты лентӕ
0