"Алания" фыццаг хатт рамбылдта аст хъазты дӕргъы

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæ"Алания"
Алания - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 мар – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Дзӕуджыхъӕуккаг "Алания" Фыццаг лигӕйы 23-ӕм туры уазӕгуаты хъазты фӕуӕлахиз командӕ "Тюмень"-ыл. Фембӕлд ацыд стадион "Геолог"-ыл ӕмӕ фӕцис 1:0 хыгъдӕй.
Хъазты рӕстӕджы "Алания" бакуыста дыууӕ пенальтийы, фӕлӕ Гуырциаты Батрадз ӕмӕ Ислам Машуков уыдон руаджы гол нӕ бакодтой. Хъазты 91-ӕм минутыл хъахъхъӕнӕг Бутаты Аллон дардӕй цӕфӕй бакодта гол. 23 туры фӕстӕ "Алания" райста 36 очкойы, командӕ цӕуы Фыццаг лигӕйы турнирон таблицӕйы ӕзсӕзӕм бынатыл. Фидӕны хъазты дзӕуджыхъӕуккаг командӕ хъаздзӕн "Родина"-имӕ Мӕскуыйӕ.
Хъазт ацӕудзӕн 24 марты.
Ног хабӕртты лентӕ
0