Хуссар Иры фæллойады министрады бамбарын кодтой æфтиæгты фæдыл справкæты рекомендацитæ

© freepik / katemangostarКалькулятор
Калькулятор - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæллойады министрад снысан кодта методикон рекомендацитæ, кæцыты дзырд цæуы æфтиæгтæ, хæрдзтæ æмæ мулкы фæдыл справкæтæ йедзаг кæныны тыххæй 2024 азы. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта уагдоны сæргълæууæг Гаглойты Олег.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, алкæцы паддзахадон службæгæнæг дæр законмæ гæсгæ хъуамæ æрбадæтта æмбæлон справкæтæ йæ æфтиæгтæ æмæ мулкы тыххæй ивгъуыд азмæ. Цæмæй паддзахадон службæгæнджытæн æнцондæр уа йедзаг кæнын спракæтæ, уый фæдыл Фæллойады министрад бацæттæ кодта методикон рекомендацитæ.
Гаглойты Олег банысан кодта, раздæр ацы фарстыл кæй архайдта Юстицийы министрад, ныр та у Фæллойады министрады компетенци, уымæй дарддæр дзы стыр ивындзинæдтæ не ‘рцыд
"Формæтæ нырма сты фæстæмæ уыдон, уый фæдыл кардиналон ивындзинæдтæ не ‘рцыд", - загъта министр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, справкæтæ цæттæ кæныны рæстæджы фæзыны алыгъуызон фарстытæ, уый фæдыл сарæзтой рекомендацитæ, цæмæй сæ раст йедзаг кæной.
© Sputnik / Natalia AiriyanГаглойты Олег
Олег Гаглоев  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.03.2024
Гаглойты Олег
Гаглойты Олег бафтыдта, зæгъгæ, ацы рекомендацитæ хауынц, фыццаджыдæр, паддзахадон граждайнаг службæгæнджытæм.
"Парламентон æвзæрстыты размæ рекомендациты фарст та ис Централон æвзарæн къамисы компетенцийы æмæ, гæнæн ис, уыдон спайда кæной нæ рекомендацитæй", - фехъусын кодта министр.
Гаглойты Олег бахахх кодта, æнæмæнгхъæугæ бæрæггæнæнтæ раттыны æмгъуыд фыст ис законы – паддзахадон граждайнаг службæгæнджытæ раттынц справкæтæ 1 майы онг, хицауады кусджытæ та сæ бавдисынц президентмæ 11 апрелы онг.
Ног хабӕртты лентӕ
0