Уӕрӕсейаг ӕфсад фӕхуыздӕр кодта йӕ позицитӕ Работинойы центры

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейаг ӕфсад
Уӕрӕсейаг ӕфсад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 мар - Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ фӕхуыздӕр кодтой сӕ позицитӕ Работинойы хъӕуы центры запорожаг здӕхтыл, фехъусын кодта РИА Новостийӕн запорожаг ӕхсӕнадон змӕлд "Мы – вместе с Россией" сӕргълӕууӕг, суверенитет, патриотикон проекттӕ ӕмӕ ветерантӕн ӕххуысы фӕдыл Къамисы сӕрдар Владимир Рогов.
Февралы кӕрӕтты уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ фехъусын кодтой, кӕй бацахстой Работинойы фидар пункттӕ – хъӕуы хуссар ӕмӕ централон хайыл.
"Не ‘фсӕдтӕ размӕ цӕугӕйӕ фӕхуыздӕр кодтой сӕ позицитӕ Работинойы центры. Карз тохтӕ дарддӕр цӕуынц", - загъта Рогов.
Афтӕ ма йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕстаг суткӕйы дӕргъы фӕстӕмӕ аппӕрстой знаджы цалдӕр атакӕйы Работино ӕмӕ йӕ алфӕмбылай территорийыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0