https://sputnik-ossetia.com/20240320/tank-alesha-yy-komandiry-tsy-khston-fervzyn-kodta-uymn-radtoy-khbatyrdzinady-orden--28420604.html
Танк "Алеша"-йы командиры цы хæстон фервæзын кодта, уымæн радтой Хъæбатырдзинады орден
Танк "Алеша"-йы командиры цы хæстон фервæзын кодта, уымæн радтой Хъæбатырдзинады орден
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг Салонов Сергей, кæцы фервæзын кодта гранатæйы спырхæй танк "Алеша"-йы командир Александр... 20.03.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-03-20T13:54+0300
2024-03-20T13:54+0300
2024-03-21T09:11+0300
уӕрӕсейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/03/14/28419344_0:180:3004:1870_1920x0_80_0_0_23cde466e477b7f8aea1226845dc6476.jpg
ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг Салонов Сергей, кæцы фервæзын кодта гранатæйы спырхæй танк "Алеша"-йы командир Александр Леваковы, схорзæхджын кодтой Хъæбатырдзинады орденæй, хъусын кæны РИА Новости Уæрæсейы Хъахъæнынады министрады ныхæстæ.Танк "Алеша"-йы экипаж, кæцы рлæууын кодта украинаг бронегруппæ запарожаг здæхты, скуынæг кодта тохы рæстæджы знаджы бронетехникæйы аст иуæджы. Знаджы фæстаг æфсæддон машинæ куы скуынæг кодта танчы экипаж, уæд та 40 минуты æхгæдта мотострелкон хайæдтæ. Тохы рæстæджы знаджы зиæнттæ, скуынæггонд техникæйæ дарддæр, уыдысты 100 хæстоны мардæй æмæ цæфтæй.Министрады банысан кодтой, зæгъгæ Соленов уыдис фыццаг хайыл бархион хæстонты къорды сконды. Йæ хæстон хæс æххæстгæнгæйæ уый йæ взводы командир лейтенант Леваков Александры сæрмæ федта æнæпилотон тæхæг аппарат. Куы федта гранатæ кæй æппары, уæд æнæхъуыдыйæ йæ буарæй сæхгæдта Леваковы, æмæ йын йæ цард фервæзын кодта, банысан кодтой уагдоны.Афтæмæй Леваков адарддæр кодта йæ къухдариуæгад сæрмагонд скондæй , æмæ йæ дæлхайад сæххæст кодта хæстон хæс, æмæ стæй та командир сарæзта сгуыхтдзинад экипаж "Алеша"-йы сконды.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/03/14/28419344_137:0:2868:2048_1920x0_80_0_0_78b06100750a075ffa117e2eb4c7459b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
уӕрӕсейы
Танк "Алеша"-йы командиры цы хæстон фервæзын кодта, уымæн радтой Хъæбатырдзинады орден
13:54 20.03.2024 (Ранӕуӕггонд: 09:11 21.03.2024) ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik. Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг Салонов Сергей, кæцы фервæзын кодта гранатæйы спырхæй танк "Алеша"-йы командир Александр Леваковы, схорзæхджын кодтой Хъæбатырдзинады орденæй, хъусын кæны РИА Новости Уæрæсейы Хъахъæнынады министрады ныхæстæ.
Танк "Алеша"-йы экипаж, кæцы рлæууын кодта украинаг бронегруппæ запарожаг здæхты, скуынæг кодта тохы рæстæджы знаджы бронетехникæйы аст иуæджы. Знаджы фæстаг æфсæддон машинæ куы скуынæг кодта танчы экипаж, уæд та 40 минуты æхгæдта мотострелкон хайæдтæ. Тохы рæстæджы знаджы зиæнттæ, скуынæггонд техникæйæ дарддæр, уыдысты 100 хæстоны мардæй æмæ цæфтæй.
"Аккаг хорзæх бархион æфсæддонæн радта Мæскуыйы Преображейнаг районы æфсæддон комисссар Сергей Тригилев", - банысан кодтой Хъахъæнынады министрады.
Министрады банысан кодтой, зæгъгæ Соленов уыдис фыццаг хайыл бархион хæстонты къорды сконды. Йæ хæстон хæс æххæстгæнгæйæ уый йæ взводы командир лейтенант Леваков Александры сæрмæ федта æнæпилотон тæхæг аппарат. Куы федта гранатæ кæй æппары, уæд æнæхъуыдыйæ йæ буарæй сæхгæдта Леваковы, æмæ йын йæ цард фервæзын кодта, банысан кодтой уагдоны.
Афтæмæй Леваков адарддæр кодта йæ къухдариуæгад сæрмагонд скондæй , æмæ йæ дæлхайад сæххæст кодта хæстон хæс, æмæ стæй та командир сарæзта сгуыхтдзинад экипаж "Алеша"-йы сконды.