Джиоты Ӕхсар раарфӕ кодта Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕууӕгӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн

© Sputnik / Пресс-служба МИД РФ /  Ахизын медиабанкмæСергей Лавров ӕмӕ Джиоты Ӕхсар
Сергей Лавров ӕмӕ Джиоты Ӕхсар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik. Сергей Лавров бахаста егъау хайбавӕрд Уӕрӕсейы ӕддагон политикӕйы глобалон инициативӕты реализацимӕ, дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсары арфӕйы телы уӕрӕсейаг дипломатийы сӕргълӕууӕгмӕ, кӕцы цыппӕрӕмы нысан кӕны йӕ райгуырӕн бон.
"Дӕ царды ӕмӕ профессионалон фӕндаг у бӕстӕ ӕмӕ адӕмӕн службӕ кӕныны, хъӕбатырдзинад, дипломатон дӕсныйад ӕмӕ патриотизмы дӕнцӕг. Ды бахастай егъау хайбавӕрд Уӕрӕсейы ӕддагон политикӕйы глобалон инициативӕты реализацимӕ, афтӕ ма йӕ авторитет сфидар кӕнынмӕ дунеон аренӕйы", - банысан кодта йӕ арфӕйы телы Джиоты Ӕхсар.
Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) разамонӕг бахахх кодта, Сергей Лавров ӕхсӕнадӕмон боны фӕткы уӕззау хӕслӕвӕрдтӕ скъуыддзаг кӕныны рӕстӕджы алыхатт дӕр кӕй ӕвдыста принципиалондзинад, куырыхондзинад ӕмӕ хъӕддыхдзинад.
Ног хабӕртты лентӕ
0