Хуссар Ирмӕ ӕрцыд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци

© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Ирмӕ ӕрцыд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци
Хуссар Ирмӕ ӕрцыд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 мар - Sputnik. Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ дыууӕварсон ӕфсӕддон ӕмгуыстады фӕлгӕтты, хъусын кӕны цыппӕрӕмы хуссарирыстойнаг хъахъхъӕнынадон уагдоны пресс-службӕ.
Балцы фӕлгӕтты уӕрӕсейаг делегаци фембӕлд Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады къухдариуӕгад ӕмӕ паддзахадон органты минӕвӕрттимӕ.
"Боны фӕткы сты Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхты 4-ӕм гвардеон ӕфсӕддон базӕйы архайды фарстытӕ", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Балцы фӕлгӕтты ма ацӕудзӕн ноджы къорд мадзалы, бафтыдтой уагдоны.
© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Ирмӕ ӕрцыд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци
Встреча делегации Минобороны РФ с руководством оборонного ведомства РЮО  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2024
Хуссар Ирмӕ ӕрцыд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци
Ног хабӕртты лентӕ
0