Дзӕуджыхъӕуы равдыстӕй райсгӕ фӕрӕзтӕ арвитдзысты СӔО хайадисджыты фондмӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanДзӕуджыхъӕу
Дзӕуджыхъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы майрӕмбоны байгом уыдзӕн ирон нывгӕнджыты хӕрзаудӕн акци "Искусство СВОим", райсгӕ фӕрӕзтӕ арвитдзысты сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) хайадисджыты фондмӕ, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
"Хӕрзаудӕн акцийы хайад райстой Бедойты Шалва, Чилӕхсаты Магрез, Цӕллӕгаты Виктор, Джыгкайты Мурӕт ӕмӕ ӕндӕр номдзыд нывгӕнджытӕ. Ӕдӕппӕт бавдисдзысты 80 куысты", - банысан кодта Меняйло.
Равдыст цӕудзӕн 31 марты онг – алкӕмӕндӕр фадат ис бацӕуын мадзалмӕ ӕмӕ балхӕнын нывтӕ, уымӕй уыдон сӕ хайбавӕрд бахӕсдзысты СӔО хӕстонтӕн ӕххуысӕн, бафтыдта республикӕйы сӕргълӕууӕг.
Ног хабӕртты лентӕ
0