Сочийы форум баххуыс кодта РХИ дипломаттӕн сфидар кӕнын контакттӕ фӕсарӕйнаг коллегӕтимӕ

© Photo : Пресс-служба МИД РЮОСочийы форум
Сочийы форум - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 мар – Sputnik. Сочийы ӕвзонг дипломатты форум "Дипломатия в эпоху многополярного мира" радта фадат сфидар кӕнын контакттӕ коллегӕтимӕ алыгъуызон бӕстӕтӕй, радзырдта Sputnik-ӕн Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры уынаффӕгӕнӕг Коцты Зӕринӕ.
"Ӕнӕ къухдариуӕгады санкцитӕй ӕвзонг фӕсарӕйнаг дипломаттӕ нӕ цыдысты ӕнгом контактмӕ Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттимӕ. Фӕлӕ рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ нӕ дипломатийы алыварс цы къул арӕзт ӕрцыд, уый пырх кӕнын райдыдта. Сочийы форум уыд иттӕг хорз фадат сфидар кӕнын контакттӕ коллегӕтимӕ алыгъуызон бӕстӕтӕй, ӕмӕ дзы мах спайда кодтам", - банысан кодта Коцты Зӕринӕ.
Хуссар Ирыстоны аннӕ минӕвар, Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады консулон фӕткдаруаты хистӕр Константин Кольцов бахахх кодта, зӕгъгӕ, фӕссоветон тыгъдады бӕстӕты минӕвӕрттимӕ ӕмархайд цыд эффективондӕр Ази ӕмӕ Африкӕйы делегацитимӕ абаргӕйӕ.
Хуссар Ирыстоны ӕвзонг дипломаттӕ банысан кодтой Сергей Лавров ӕмӕ Мария Захаровайы хайадисты ахсджиагдзинад мадзалы.
Фӕсивӕды ӕппӕтдунеон фестиваль цыд 1-7 марты федералон территори Сириусы Уӕрӕсейы президент Владимир Путины барамындӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0