Хуссар Иры МХМ радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавæры тыххæй

© Photo : Пресс-служба МВД РЮОРейдтæ
Рейдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны иу къуыримæ не срегистраци кодтой фыдракæндтæ, фехъусын кодта къуырисæры республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уыцы период милици æрцахста аст адæймаджы æхсæнадон фæтк фехалыны тыххæй, банысан кодтой уагдоны.
Афтæ ма министрады бахахх кодтой, ивгъуыд къуыри республикæйы фæндæгтыл кæй не ‘рцыд фæндагон-транспортон цаутæ.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 267 фæткхалды, фараст шофыры фæдыл сарæзтæуыд административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0