Хуссар Иры сӕнусон кӕндзысты СӔО-йы фӕмардуӕвӕг Дриаты Энверы ном

© Sputnik / Наталья АйриянОткрытие школы в Орчосан
Открытие школы в Орчосан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан аскъуыддзаг кодта сӕнусон кӕнын Дриаты Энверы ном, кӕцы равдыста хъайтардзинад йе ‘фсӕддон хӕс ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) зонӕйы – ӕмбӕлон барамынд ныммыхуыр кодтой паддзахады сӕргълӕууӕджы сайтыл.
Хъайтары ном ратдзысты Орчъосаны скъолайӕн.
"Балӕууын Орчъосаны хъӕуы цӕрджыты, афтӕ ма Орчъосаны астӕуккаг скъолайы педагогон коллектив ӕмӕ ахуырдзауты хъӕппӕрисы фарс Дриаты Энверы ном сӕнусон кӕныны фӕдыл", - дзырдӕуы барамынды тексты.
Документмӕ гӕсгӕ, президенты администрацийӕн бахӕс кодтой бавдисын хъӕппӕристӕ финансон ӕмӕ ӕндӕр фарстыты фӕдыл, кӕцытӕ баст сты Дриаты Энверы мемориалон фӕйнӕг сӕвӕрынимӕ Орчъосаны астӕуккаг скъолайы фасадыл, Ленингоры районы администрацийӕн та бахӕс кодтой сӕххӕст кӕнын ӕнӕмӕнгхъӕугӕ мадзӕлттӕ.
Барамынд бацыд йӕ тыхы йӕ бафысты бон, 28 марты.
Хистӕр лейтенант Дриаты Энвер стыр хъайтардзинад равдисыны тыххӕй сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕйы хорзӕхджын ӕрцыд Уӕрӕсейы Федерацийы "Хъӕбатырдзинады" орденӕй, "За заслуги перед Отечеством" орденӕй ӕмӕ Паддзахад Аланийы паддзахадон хорзӕх – "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕгӕн" майданӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0