Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг фембӕлд Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы минӕвӕрттимӕ

© Sputnik / Наталья СеливерстоваУФ ФХМ
УФ ФХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 мар - Sputnik. Мӕскуыйы ацыд Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) хӕдивӕг Михаил Галузины фембӕлд Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны делегациты сӕргълӕуджытимӕ Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Ӕхсӕнадӕмон женеваг дискусситы – РХИ президенты паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Коцты Константин ӕмӕ Абхазы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг Ираклий Тужбаимӕ.
"Арӕнгӕрон районты стабилондзинад фӕфылдӕр кӕныны нысанӕн Тбилисы рдыгӕй хъуамӕ уой тыхӕй ма пайда кӕныны гарантитӕ Сухум ӕмӕ Цхинвалы фӕдыл. Афтӕ ма хъӕуы райдайын гуырдзиаг-абхазаг ӕмӕ гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг паддзахадон арӕнты делимитаци ӕмӕ демаркаци", - хъусын кӕны Уӕрӕсейы ФХМ пресс-службӕ.
Дискусситӕ байгом сты Женевайы 2008 азы 15 октябры Гуырдзыстоны агрессийы фӕстӕ Хуссар Ирыстоны ныхмӕ. Женеваг дискусситы ӕмхуызон бартыл хайад исынц Хуссар Ирыстон, Абхаз, Уӕрӕсе, Гуырдзыстон, АИШ, афтӕ ма Евроцӕдис, ИНО ӕмӕ ОБСЕ минӕвӕрттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0