Беслӕны хӕрзарӕзт цӕуы Терчы донбыластӕрд

© Sputnik / Владимир Вяткин /  Ахизын медиабанкмæБеслӕны хӕрзарӕзт цӕуы Терчы донбыластӕрд
Беслӕны хӕрзарӕзт цӕуы Терчы донбыластӕрд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 апр - Sputnik. Беслӕны арӕзт цӕуы Терчы фыццаг донбыластӕрд горӕты Окружная уынгыл, проекты фӕзуат у 22 гектары, фехъусын кодта йӕ telegram-каналы Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
"Территорийыл фӕзындзӕн цад фондз мин квадратон метры фӕзуатыл, сараздзысты ма дыууӕ фонтан дӕр. Проектмӕ гӕсгӕ ма дзы уыдзӕн спортивон фӕзуӕттӕ скейт-паркимӕ, фондз сывӕллӕтты ӕмӕ иу та универсалон хъазӕн фӕзуат. Алыгъуызон мадзӕлттӕ уадзынӕн арӕзт ӕрцӕудзӕн амфитеатр. Стыр хъусдард здӕхт ӕрцыд зӕлдфӕлындӕнӕн – парчы территорийыл ныссадздзысты 400-йӕ фылдӕр бӕласы. Горӕты цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕн сараздзысты парковкӕ дӕр", - радзырдта республикӕйы сӕргълӕууӕг.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн фесты куыстытӕ парчы вертикалон планировкӕйы фӕдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0