https://sputnik-ossetia.com/20240401/tskhinvaly-baygom-sao-yy-famarduavag-khastontan-nyvond-stend-28558802.html
Цхинвалы байгом СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстонтӕн нывонд стенд
Цхинвалы байгом СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстонтӕн нывонд стенд
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 1 апр - Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы администрацийы бӕстыхайы бакодтой мемориалон стенд "Помним, чтим, гордимся" хуссарирыстойнаг хӕстонты... 01.04.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-04-01T16:20+0300
2024-04-01T16:20+0300
2024-04-01T16:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ӕхсӕнад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/04/01/28555744_100:96:1407:831_1920x0_80_0_0_ac88a5b4c3752637e48aa5ce5bf54660.jpg
ЦХИНВАЛ, 1 апр - Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы администрацийы бӕстыхайы бакодтой мемориалон стенд "Помним, чтим, гордимся" хуссарирыстойнаг хӕстонты къамтимӕ, кӕцытӕ фӕмард сты сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО).43 зынгхуыст хӕстоны рухс ном ссарынмӕ ӕрбацыдысты сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕ, афтӕ ма ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ. Фыдохы мадзалы организатор уыд ветеранты горӕтон совет. Советы сӕрдар Хуыбылты Руслан загъта ӕнцойы ныхӕстӕ хӕстонты хиуӕттӕн.Проекты инициатор, ветеранты горӕтон советы секретарь, адӕмон ахуыргӕнӕг Бестауты Аза банысан кодта Хуссар Ирыстоны хӕстонты хъайтардзинад.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ветеранты совет нывӕнды президенты барлӕвӕрдӕй рауадзын чиныг хуссарирыстойнаг хъахъхъӕнджыты тыххӕй.Фарастӕм маймӕ стенд балӕвар кӕндзысты Цхинвалы ӕртыккаг астӕуккаг скъолайӕн.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/04/01/28555744_123:31:1362:960_1920x0_80_0_0_35ed5912cf36f7ba8a5bcd2a22831052.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ӕхсӕнад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы, ӕхсӕнад
Цхинвалы байгом СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстонтӕн нывонд стенд
ЦХИНВАЛ, 1 апр - Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы администрацийы бӕстыхайы бакодтой мемориалон стенд "Помним, чтим, гордимся" хуссарирыстойнаг хӕстонты къамтимӕ, кӕцытӕ фӕмард сты сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО).
43 зынгхуыст хӕстоны рухс ном ссарынмӕ ӕрбацыдысты сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕ, афтӕ ма ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ. Фыдохы мадзалы организатор уыд ветеранты горӕтон совет. Советы сӕрдар Хуыбылты Руслан загъта ӕнцойы ныхӕстӕ хӕстонты хиуӕттӕн.
Проекты инициатор, ветеранты горӕтон советы секретарь, адӕмон ахуыргӕнӕг Бестауты Аза банысан кодта Хуссар Ирыстоны хӕстонты хъайтардзинад.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ветеранты совет нывӕнды президенты барлӕвӕрдӕй рауадзын чиныг хуссарирыстойнаг хъахъхъӕнджыты тыххӕй.
Фарастӕм маймӕ стенд балӕвар кӕндзысты Цхинвалы ӕртыккаг астӕуккаг скъолайӕн.