Алайнаг епархи реставраци скӕндзӕн республикӕйы стырдӕр кувӕндӕттӕй иу

© Sputnik / Ада Багиан Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы кувӕндон
 Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы кувӕндон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Къостайы хъӕуы Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы кувӕндон ӕрцӕудзӕн цалцӕг, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Алайнаг епархийы динамонӕг, фыд Симон.
ХIV ӕнусы амад Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы кувӕндон нымад цӕуы республикӕйы иууыл стырдӕр кувӕндӕттӕй иуыл, ам цалдӕр азы размӕ раивтой агъуыст, фӕлӕ мидӕгӕй аргъуанмӕ аразӕджы къух рагӕй нӕ хӕццӕ кодта.
"25 азӕй фылдӕр дзы нӕ цыд цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Рӕстӕг ӕмӕ уымӕлдзинад сӕхион акодтой ӕмӕ дзы ис дзӕвгар аразинаг. Аразджытӕ сисдзысты сӕрст ӕмӕ йӕ бацӕттӕ кӕндзысты сныв кӕнынмӕ", - загъта динамонӕг.
Уый ма бафиппайдта, кувӕндон сныв кӕнын лӕууы зынаргъ ӕмӕ нырма епархимӕ уый бӕрц фӕрӕзтӕ нӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0