Хуссар Иры МХМ æмæ ПÆК ауагътой рейдтæ мигрантты цæрыны бынæтты

© Photo : Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры МХМ æмæ ПÆК ауагътой рейдтæ мигрантты цæрыны бынæтты
Хуссар Иры МХМ æмæ ПÆК ауагътой рейдтæ мигрантты цæрыны бынæтты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 апр - Sputnik. Миграцийы фæдыл фæткдаруаты кусджытæ сæ коллегæтимæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитетæй (ПÆК) ауагътой рейдтæ фæллойадон мигрантты цæрыны бынæтты. Уыдон басгæрстой 74 хæдзары, цы ран рæстæгмæ цæрынц 230-æй фылдæр фæсарæйнаг æмбæстаджы, хъусын кæны РХИ Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Тыхон структурæты кусджытæ басгæрстой фæллойадон мигрантты документтæ, рейдты рæстæджы сбæрæг кодтой миграцион законады иу фехæлд.
"Тæрхондон фæивар кодта фæткхалæджы", - банысан кодтой министрады.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, миграцийы фæдыл фæткдаруат контроль кæны мигрантты ацыд æмæ æрбацыд республикæйы территоримæ, афтæ ма сæм сæ цæст дарынц бынаты, цæмæй миграцион законад ма фехалой.
Ног хабӕртты лентӕ
0