Хуссар Иры президент ссардта "Крокус"-ы амæттæгты рухс нæмттæ

© Photo : Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент ссардта "Крокус"-ы амæттæгты рухс нæмттæ
Хуссар Иры президент ссардта Крокус-ы  амæттæгты рухс нæмттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ссардта "Крокус Сити Холл"-ы амæттæгты рухс нæмттæ.

"Паддзахады разамонæг сæвæрдта дидинтæ "Крокус Сити Холл"-ы бæстыхайы цур теракты амæттæгты мемориалыл", - хъусын кæны президенты пресс-службæ.

Мæскуыйы теракты амæттӕгты рухс нæмттæ ма ссардтой Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр, президенты администрацийы хистæр Мæргъиты Алан æмæ юстицийы министр Джиоты Алан.
Æхст æмæ зынгирвæзт æрцыдысты 22 марты изæры "Крокус Сити Холлы" концерты агъоммæ. Цауы рæстæг, фæстаг бæрæггæнæтæм гæсгæ, фæмард ис 143 адæмаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0