Цхинвалы ацыд хæрзаудæн концерт аутизмы боны цытæн

© Sputnik / Михаил Авагимов"Чермен"
Чермен - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 апр – Sputnik, Гæбæраты Элина. Цхинвалы Паддзахадон киноконцертон зал "Чермен"-ы ацыд хæрзаудæн концерт, кæцы нывонд уыд аутизмы проблемæйæн.
Концерты организатор, волонтер Гуыбеты Зæринæйы ныхæстæм гæсгæ, концерты нысан уыд æхсæнады цæст æрдарын аутизмы пролемæмæ, афтæ ма æрæмбырд кæнын фæрæзтæ ацы низæй рынчын сывæллæтты диагностикæйæн.
"2007 азы 2 апрелы ацы бон расидтысты аутизмы проблемæйы фæдыл информаци парахат кæныны бон…Мæн фæнды, цæмæй нæ республикæ æмæ æппæт дунейы дæр 2 апрелы адæм æрбаиу уой, уадзой алыгъуызон хæрзуадæн мадзæлттæ æмæ акцитæ", - загъта Гуыбеты Зæринæ.
Уый баныфсæвæрдта, азæй-азмæ ахæм мадзæлттæ кæй кæндзысты егъаудæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0