Инфографикӕ нырыккон медиайы: Цхинвалы ацӕудзӕн мастер-класс SputnikPro-йы фӕлгӕтты

© Sputnik / Natalia AiriyanSputnik PRO
Sputnik PRO - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.04.2024
Рафыссын
Ӕртыццӕджы, 10 апрелы, 11:00 сахатыл Sputnik-ы пресс-центры ацӕудзӕн мастер-класс "Инфографикӕйы бынат нырыккон медиайы" рухстауӕн программӕ SputnikPro-йы фӕлгӕтты.
Лекци ауадздзӕн Sputnik-ы мультимедион центрты Дирекцийы дизайнер ӕввахс фӕсарӕнтӕ ӕмӕ Балтийы бӕстӕты Виктория Онофрийчук.
Куыд дизайнер ӕмӕ нывгӕнӕг, Виктория радзурдзӕн йӕ куысты тыххӕй, равдисдзӕн дизайнер-графикы алыгъуызон инструменттӕ, кӕцытӕй пайда кӕнынц Sputnik-ы проектты. Абоны бонмӕ уыдон сты сӕдӕгай инфографикӕтӕ, иллюстрацитӕ, дӕсгай видеографикӕтӕ, сӕ нымӕцы цалдӕр авторон анимацигонд сӕрмагонд проекты.

Аккредитацийы контакттæ:

Чилæхсаты Наталья
Тел: +7-929-804-24-42
E-mail: n.kelekhsaeva@sputniknews.com
Мадзал ацæудзæн Sputnik Южная Осетия мультимедион пресс-центры, горæт Цхинвалы, Путины уынджы 5 хæдзары, 3-аг уæладзыджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0