Цхинвалы иуварс кæнынц тыхдымгæйы фæстиуджытæ

© Sputnik / Диана КозаеваЦхинвалы иуварс кæнынц тыхдымгæйы фæстиуджытæ
Цхинвалы иуварс кæнынц тыхдымгæйы фæстиуджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 апр – Sputnik. Цхинвалы къухдариуæгад иуварс кæны дысоны тыхдымгæйы фæстиуджытæ.
Тыхдымгæйы фæстиуæгæн фехæлдысты уæлхæдзæрттæ Харебаты Исахъы æмæ микрорайон БАМ-ы бирæфатерон хæдзæртты.

"Знон нæ кусджытæ басгæрстой фадыг æмæ райсом авд сахатæй фæстæмæ куыст цæуы тыхдымгæйы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл. Кæд боныгъæд фадат радта, уæд уæлхæдзæртты цалцæг фæуыдзæн боны дæргъы", - дзырдæуы Цхинвалы администрацийы пресс-службæйы хъусинаджы.

Администрацийы бафтыдтой, зæгъгæ, цæрæнуатон-эксплуатацион конторæйы кусджытæ дарддæр сгарынц горæты районтæ, цæмæй сбæрæг кæной æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0