Хуссар Иры Конституци сбӕрӕг кодта республикӕйы райрӕзты сӕйраг вектор – Гаглойты Алан

© SputnikХуссар Иры Конституци
Хуссар Иры Конституци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 апр - Sputnik. Республикӕ Хуссар Ирыстоны Конституци у паддзахаддзинады ахсджиаг атрибут, ӕххӕст кӕны нӕ паддзахады демократион принциптӕ, ӕмбӕстӕгты политикон ӕмӕ экономикон бартӕ, дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфӕйы телы Конституцийы Боны цытӕн.
Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы 23 азы размӕ ӕрцыд нысаниуӕгджын цау – ӕппӕтадӕмон хъӕлӕскӕнынады руаджы ист ӕрцыд Республикӕ Хуссар Ирыстоны Конституци, кӕцы сбӕрӕг кодта нӕ паддзахады райрӕзты сӕйраг вектор.
"Конституци ист ӕрцыд уӕззау периоды. Сӕйраг Законы райсты руаджы Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ сӕххӕст кодтой ӕнусон бӕллиц – цӕрын хӕдбар паддзахады, цы ран уӕлдӕр хӕзна у адӕймаг, йӕ бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад", - банысан кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Гаглойты Алан банысан кодта, Конституци кӕй сбӕрӕг кодта дырыс фӕтктӕ паддзахады эффективон куыстӕн, ссис бындур нӕ адӕмы иудзинад сфидар кӕнынӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0