Олимпиаг квалификаци: ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕн ис дыууӕ лицензийы 2024 азы Олимпиадӕмӕ

© Пресс-служба Минспорта РСО-АланияНайфонты Артур
Найфонты Артур - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 апр - Sputnik. Ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой дыууӕ олимпиаг лицензийы европейаг Олимпиаг квалификацийы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ.
Ерысты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, 2024 азы Олимпиадӕмӕ Парижы лицензитӕ рамбылдтой Кӕсӕбиты Алина (62) ӕмӕ Найфонты Артур (86 кг).
Аннӕ ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ, сӕ нымӕцы Салхъазанты Таймураз (74 кг), Махъоты Борис (86 кг), Байцаты Владислав (97 кг) ӕмӕ Хуыбылты Ален (125), нӕ райстой лицензитӕ Олимпиадӕмӕ, уыдон фембылдысты ерысты развӕлгъау раундты.
Лицензитӕ Олимпиадӕмӕ рамбулыны фӕстаг шанс уыдзӕн Ӕппӕтдунеон олимпиаг квалификацион турниры, кӕцы ацӕудзӕн Стамбулы (Турк) 9-12 майы.
Ног хабӕртты лентӕ
0