Хуссарирыстойнаг грэпплертæ расгуыхтысты Цæгат Иры чемпионаты

Грэпплинг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 апр - Sputnik. Спортсментæ Хуссар Ирыстонæй Пæррæстаты Олег æмæ Тыджыты Васо бацахстой фыццаг æмæ æртыккаг бынæттæ грэпплингæй Цæгат Ирыстоны, хъусын кæны фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæ.
Ерыстæ уагъд цыдысты Беслæны æмæ уыдысты æвзарæн этап Цæгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) ерыстæм.
"Пæррæстаты Олег ауагъта æртæ тохы æмæ фæуæлахиз 58 кг уæзы категорийы, Тыджыты Васо та бацахста æртыккаг бынат. Тыджыты Васо æртыккаг бынат бацахста тæрхонгæнджыты рæдыды тыххæй, уыдонæн сæ тæрхонмæ ногæй æркастысты, фæлæ уæдмæ аннæ спортсментæ хæцыдысты финалы. Уымæ æнæкæсгæйæ, нæ спортсмен хайад райсдзæн ЦКФЗ ерысты", - загъта спортсменты тренер Гобозты Эльбрус.
Тренер бафтыдта, зæгъгæ Грозныйы ЦКФЗ чемпионаты хайад райсдзысты цыппар хуссарирыстойнаг спортсмены Цæгат Ирыстоны командæйы сконды.
Ног хабӕртты лентӕ
0