https://sputnik-ossetia.com/20240409/tskhinvaly-nogdzauty-park-ssygdg-kodtoy-nstatsionaron-bazaradon-obektty-28637140.html
Цхинвалы Ногдзауты парк ссыгъдæг кодтой æнæстационарон базарадон объекттæй
Цхинвалы Ногдзауты парк ссыгъдæг кодтой æнæстационарон базарадон объекттæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы Ногдзауты парчы территорийæ раластой æнæстационарон базарадон объекттæ æмæ аттракционтæ... 09.04.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-04-09T15:37+0300
2024-04-09T15:37+0300
2024-04-09T15:37+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ӕхсӕнад
цхинвалы администраци
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/382/69/3826965_0:585:5616:3744_1920x0_80_0_0_6af9b79fc675aa0992b92c695c7cc70a.jpg
ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы Ногдзауты парчы территорийæ раластой æнæстационарон базарадон объекттæ æмæ аттракционтæ горæты къхудариуæгады фæдзæхсты фæстæ. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдтой Цхинвалы администрацийы пресс-службæйы.Ивгъуыд азы кæрон горæты администраци æрдомдта амалиуæггæнджытæй, цæмæй мæйы æмгъуыдмæ айсой улæфæн зонæйæ "сæрдыгон" объекттæ.Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, горæты къухдариуæгады домæнтæ нæ сæххæст кодта æрмæст дæр иу амалиуæггæнæг, æмæ йæ фæдыл тагъд рæстæджы райсдзысты карз мадзæлттæ.Горæты къухдариуæгад фæстæдæр нывæнды бавналын Ногдзауты парчы хæрзарæзтадмæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/382/69/3826965_624:0:5616:3744_1920x0_80_0_0_54aa178221127de2d9fd45fd5c07f2c2.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ӕхсӕнад, цхинвалы администраци
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ӕхсӕнад, цхинвалы администраци
Цхинвалы Ногдзауты парк ссыгъдæг кодтой æнæстационарон базарадон объекттæй
ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы Ногдзауты парчы территорийæ раластой æнæстационарон базарадон объекттæ æмæ аттракционтæ горæты къхудариуæгады фæдзæхсты фæстæ. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдтой Цхинвалы администрацийы пресс-службæйы.
Ивгъуыд азы кæрон горæты администраци æрдомдта амалиуæггæнджытæй, цæмæй мæйы æмгъуыдмæ айсой улæфæн зонæйæ "сæрдыгон" объекттæ.
"Æппæт æнæстационарон базарадон объекттæ æмæ аттракционтæ, кæцытæн бар радтой сывæрынæн Ногдзауты парчы, ныридæгæн раластой улæфæн зонæйы территорийæ", - загътой пресс-службæйы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, горæты къухдариуæгады домæнтæ нæ сæххæст кодта æрмæст дæр иу амалиуæггæнæг, æмæ йæ фæдыл тагъд рæстæджы райсдзысты карз мадзæлттæ.
Горæты къухдариуæгад фæстæдæр нывæнды бавналын Ногдзауты парчы хæрзарæзтадмæ.