Экоактивисттӕ Цхинвалы цур ныссадзысты заз ӕмӕ чесайы къох

© Sputnik / Ревмира АлбороваЭкоактивисттӕ Цхинвалы цур ныссадзысты заз ӕмӕ чесайы къох
Экоактивисттӕ Цхинвалы цур ныссадзысты заз ӕмӕ чесайы къох  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Экологион организаци "Аланты цъӕх бӕстӕ" экопарчы территорийыл ныссадзысты заз ӕмӕ чесайы къох, фехъусын кодта Sputnik-ӕн организацийы хистӕр Габаты Зӕлинӕ.
Активисттӕ дыууӕ хуыз бӕласӕй дӕр самал кодтой фӕйнӕ сӕдӕ къалиуы ӕмӕ сӕ нывӕрдтой уидаг кӕнынмӕ.
"Фӕззӕгмӕ уидӕгтӕ куы ауадзой, уӕд сӕ ныссадзыстӕм экопарчы. Ныфс нӕ ис, кӕй нын уыдзӕн нӕхи заз ӕмӕ чесайы къох", - загъта Габаты Зӕлинӕ.
Уый ма бафтыдта, ацы сӕрд экопарчы территорийыл сараздзысты цатырон лагерь, уым иумӕ скъуыддзаг цӕудзӕн, парчы территори цӕмӕй хъӕуы баххӕст кӕнын, уыцы фарстытӕ.
2022 азы Цхинвалы цӕгат фарс экологион организаци "Аланты цъӕх бӕстӕтӕйӕн" рахицӕн ӕрцыд 70 гектары бӕрц зӕххытӕ. Уым уал нырмӕ активисттӕ ныссагътой цалдӕр хуыз бӕласы.
Ног хабӕртты лентӕ
0