Хуссар Ир хайад райсдзæн Белоруси фашизмæй ссæрибар кæныны 80 азы юбилейы цытæн мадзæлтты

© Sputnik / Егор Еремов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ир хайад райсдзæн Белоруси фашизмæй ссæрибар кæныны 80 азы юбилейы цытæн мадзæлтты
Хуссар Ир хайад райсдзæн Белоруси фашизмæй ссæрибар кæныны 80 азы юбилейы цытæн мадзæлтты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik. Республикæ Хуссар Ирыстоны æмархайды фæлгæтты Цæдисон паддзахады иудадзыг комитетимæ, РХИ минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр фембæлд Цæдисон паддзахады секретарь Дмитрий Мезенцевимæ.
"Баныхасы рæстæджы фрсытæ æрдзырдтой ацы азы æмгуыстадыл алыгъуызон здæхтыты, сæ нымæцы ахуырадон æмæ культурæйы къабазы, афтæ ма Хуссар Ирыстоны минæвæртты хайадистыл Белоруси фашизмæй ссæрибар кæныны 80 азы юбилейы цытæн мадзæлтты", - дзырдæуы Хуссар Ирыстоны минæварады хъусинаджы.
Фембæлды рæстæджы Гасситы Знауыр банысан кодта, кæй нывæнды дарддæры æмархайдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0