Хуссар Иры фондз рӕсугъддӕр бынаты зындгонд экскурсоводы версимӕ гӕсгӕ

© Sputnik / Ада БагианЕрцъойы цад
Ерцъойы цад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иууыл зындгонддӕр экскурсовод, турфирмӕ "Карсан-Тур" - хицау Карсанты Гурам, кӕцы ацы фадыджы кусы дӕс азы бӕрц, радзырдта Хуссар Ирыстоны иууыл рӕсугъддӕр бынӕтты тыххӕй, кӕцытӕ ис фенӕн.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, иууыл уарзондӕр бынат у Ерцъойы цад.
"Мӕ уарзон бынат у Ерцъойы цад. Ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ ӕмӕ у ӕнцонвадат. Мӕ уд уым улӕфы, йӕ хӕхтӕ ӕмӕ быдырты. Бирӕтӕ рӕсугъддзинады дӕнцӕг у Цъӕй , мӕныл та уым хӕхтӕ ӕндавынц", - загъта Карсанты Гурам.
Уый ма бафтыдта, цалдӕр азы размӕ Дзимыры комы фыццаг хатт куы уыд, уӕд йӕ банымадта Хуссар Ирыстоны иууыл рӕсугъддӕр къуымыл, ууыл нырдӕр йӕ зӕрдӕ не 'сивта.
"Дзимыргоммӕ цалдӕр цыды фӕстӕ йӕ рӕсугъддзинадыл ӕрцахуыр дӕн. Фӕлӕ дзы уӕддӕр дыууӕ алӕмӕттаг бынат ис - Сырхы дзуары цурӕй фӕлгӕсын ӕмӕ дыууӕ фаззон цады цур бадын. Хуссар Ирыстоны ноджы иу фендтаг бынат у Билуртайы хохӕвцӕг", - бахахх кодта уый.
Экскурсовод ма фондз рӕсугъддӕр бынаты нымӕцмӕ бахаста Ирыстоны национ хъайтар Коцты Бегайы хъӕу Хъола дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0