Столицӕйы администраци ӕмӕ "Рухс бон"-ы спортсментӕ фӕлындынц Цхинвал алыгъуызон бӕлӕстӕй

© Photo : Пресс-служба мэрии г. ЦхинвалСтолицӕйы администраци ӕмӕ "Рухс бон"-ы спортсментӕ фӕлындынц Цхинвал алыгъуызон бӕлӕстӕй
Столицӕйы администраци ӕмӕ Рухс бон-ы спортсментӕ фӕлындынц Цхинвал алыгъуызон бӕлӕстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 апр - Sputnik. Цхинвалы администрацийы хӕрзарӕзтады кусджытӕ хӕстон аивӕдты клуб "Рухс сомбон"-ы хъомылгӕнинӕгтимӕ ныссагътой туя ӕмӕ церцисы 120 иуӕджы Хуыбылты Валерийы номыл парчы, хъусын кӕны горӕты администрацийы пресс-службӕ.
Ӕвзонг спортсменты тренер Гуыцмӕзты Валерий банысан кодта, Хуссар Ирыстоны столицӕйы зӕлдфӕлындӕны хайадистӕн кӕй ис пайдаджын ӕндӕвдад рӕзгӕ фӕлтӕрыл.
"Ӕз базыдтон, Цхинвалы администраци кӕй нывӕнды ныссадзын парчы бӕлӕстӕ ӕмӕ банхъардтон, цӕмӕй нӕ спортсментӕ хайад райсой ацы процессы ӕмӕ сӕ номыл ныссадзой бӕлӕстӕ. Уый ӕвзӕрын кӕны патриотизм сывӕллонмӕ, ӕмӕ фидӕны парчы куы тезгъо кӕной, уӕд сӕ хиуӕттӕн сӕ бон уыдзӕн зӕгъын, сӕхӕдӕг кӕй ныссагътой ацы бӕлас", - загъта тренер.
Ландшафтон дизайнер Пӕррӕстаты Иринайы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы ног бӕлӕстӕ тагъд рӕстӕджы рафидауын кӕндзысты Стыр парк.
Мэрияйы ма бафтыдтой, кӕй ис проблемӕ ставкъах фосимӕ, кӕцы зиан хӕссы парктӕ ӕмӕ горӕтӕн. Уагдоны ӕрсидтысты ставкъах фосы хицӕуттӕм, цӕмӕй сӕ ӕнӕ хъусдардӕй ма уадзой хизынмӕ.
© Photo : Пресс-служба мэрии г. ЦхинвалСтолицӕйы администраци ӕмӕ "Рухс бон"-ы спортсментӕ фӕлындынц Цхинвал алыгъуызон бӕлӕстӕй
Юные спортсмены и мэрия озеленяют Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.04.2024
Столицӕйы администраци ӕмӕ "Рухс бон"-ы спортсментӕ фӕлындынц Цхинвал алыгъуызон бӕлӕстӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0