"Ныхас" фехъусын кодта йӕ кандидатты номхыгъд парламентмӕ

© Sputnik"Ныхас" фехъусын кодта йӕ кандидатты номхыгъд парламентмӕ
Ныхас фехъусын кодта йӕ кандидатты номхыгъд парламентмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik, Козаты Диана. Политикон парти "Ныхас" ауагъта къуырисӕры ӕвзӕрстыты агъоммӕ уанел.
Партийы уанелы уыдысты президент Гаглойты Алан, раздӕры президент Тыбылты Леонид ӕмӕ парламенты раздӕры спикер Коцты Станислав.
© Анна Санакоева"Ныхас" фехъусын кодта йӕ кандидатты номхыгъд парламентмӕ
Алан Гаглоев на съезде партии Ныхас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.04.2024
"Ныхас" фехъусын кодта йӕ кандидатты номхыгъд парламентмӕ
"Ныхас" ацы ӕвзӕрстытӕм цӕудзӕн йӕ лидер Бесаты Зитайы къухдариуӕгады бын, кӕцы лӕууы кандидатты номхыгъды сӕргъ.
Дыккаг бынатыл ис президенты администрацийы сӕргълӕууӕг Мӕргъиты Алан. Партион номхыгъды дарддӕр цӕуынц президенты ӕххуысгӕнӕг Плиты Алан, фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Хуыбежты Руслан ӕмӕ президенты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Тыбылты Алан.
Парти ма раразмӕ кодта йӕ кандидатты фараст иумандатон зылды. Сӕ нымӕцы раздӕры депутат ӕмӕ президенты бынатмӕ кандидат Тасойты Дмитрий ӕмӕ МХМ ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл хайады хистӕр Гататы Лали.
Хуссар Ирыстоны парламенты ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 9 июны.
Ног хабӕртты лентӕ
0