https://sputnik-ossetia.com/20240415/tskhinvaly-vzong-akhuyrgond-yuristt-nykhas-knynts-ekologiyy-baradon-problemtyl-28700236.html
Цхинвалы æвзонг ахуыргонд-юристтæ ныхас кæнынц экологийы барадон проблемæтыл
Цхинвалы æвзонг ахуыргонд-юристтæ ныхас кæнынц экологийы барадон проблемæтыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 15 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы йӕ куыст райдыдта XХV-ӕм ӕппӕтуӕрӕсеон ӕвзонг ахуыргонд-юристты скъола "Устойчивое развитие... 15.04.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-04-15T15:35+0300
2024-04-15T15:35+0300
2024-04-15T15:35+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/04/0f/28696110_9:0:3650:2048_1920x0_80_0_0_787ba50a02244261afd1b452c23f71a9.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы йӕ куыст райдыдта XХV-ӕм ӕппӕтуӕрӕсеон ӕвзонг ахуыргонд-юристты скъола "Устойчивое развитие территории: экология политика, право". Мадзал нывонд у ӕрдз бахъахъхъӕнын ӕмӕ экономикон ӕдасдзинадӕн. Хуссар Ирыстон ацы мадзал ӕрфысым кодта фыццаг хатт. Кусӕгон нывӕст нымад у ӕртӕ боныл, лекцитӕ цӕудзысты дыууӕ фӕзуатыл - Уазӕгдон "Ирыстон" ӕмӕ ХИПУ.-йы.Скъолайы куыст срӕвдз кӕнынмӕ Хуссар Ирыстонмӕ фӕуазӕг ис 60 адӕймаджы бӕрц, сӕ нымӕцы лектортӕ ӕмӕ студенттӕ. Мӕскуыйы Ломоносовы номыл университеты экологи ӕмӕ зӕххы барты фӕдыл кафедрайы центры доцент Леонид Бандорин радзырдта Sputnik- ӕн, скъола ахъаз кӕй уыдзӕн ӕвзонг ахуыргондтӕн бастдзинӕдтӕ сфидар кӕнынӕн. Ӕппӕтуӕрӕсеон ӕвзонг ахуыргондты скъола цӕуы 1996 азӕй фӕстӕмӕ, алы хатт дӕр ног горӕты.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/04/0f/28696110_464:0:3195:2048_1920x0_80_0_0_45cc49cbb4a0905084975d529ea6afe7.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ахуырад
Цхинвалы æвзонг ахуыргонд-юристтæ ныхас кæнынц экологийы барадон проблемæтыл
ЦХИНВАЛ, 15 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы йӕ куыст райдыдта XХV-ӕм ӕппӕтуӕрӕсеон ӕвзонг ахуыргонд-юристты скъола "Устойчивое развитие территории: экология политика, право". Мадзал нывонд у ӕрдз бахъахъхъӕнын ӕмӕ экономикон ӕдасдзинадӕн.
Хуссар Ирыстон ацы мадзал ӕрфысым кодта фыццаг хатт. Кусӕгон нывӕст нымад у ӕртӕ боныл, лекцитӕ цӕудзысты дыууӕ фӕзуатыл - Уазӕгдон "Ирыстон" ӕмӕ ХИПУ.-йы.
Скъолайы куыст срӕвдз кӕнынмӕ Хуссар Ирыстонмӕ фӕуазӕг ис 60 адӕймаджы бӕрц, сӕ нымӕцы лектортӕ ӕмӕ студенттӕ. Мӕскуыйы Ломоносовы номыл университеты экологи ӕмӕ зӕххы барты фӕдыл кафедрайы центры доцент Леонид Бандорин радзырдта Sputnik- ӕн, скъола ахъаз кӕй уыдзӕн ӕвзонг ахуыргондтӕн бастдзинӕдтӕ сфидар кӕнынӕн.
"Нӕ лекцитӕм хъусынц ӕвзонг специалисттӕ, сӕ нымӕц у 45. Уыдон сты Уӕрӕсейы бирӕ къуымтӕй - Калининградӕй Иркутскы онг", - загьта уый.
Ӕппӕтуӕрӕсеон ӕвзонг ахуыргондты скъола цӕуы 1996 азӕй фӕстӕмӕ, алы хатт дӕр ног горӕты.