Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ фехстой УГТ аэродром Хмельницкийы областы

© Пресс-служба Минобороны РФ /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ фехстой УГТ аэродром Хмельницкийы областы
Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ фехстой УГТ аэродром Хмельницкийы областы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 апр - Sputnik. Уӕрӕсейы Гарзджын тыхтӕ фесхтой ӕфсӕддон аэродром Староконстантиновайы Хмельницкийы областы, фехъусын кодта РИА Новости Николаевы сусӕгкуысты координатор Сергей Лебедевы ныхӕстӕ.
УФ Хъахъхъӕнынады министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Староконстантиновайы аэродром цӕттӕ кӕнынц америкӕйаг хӕдтӕхджытӕ F-16 райсынмӕ. Ацы районы сты бомбӕты ӕфтауц, полигон, афтӕ ма бетонон ӕмӕ асфальтон заводтӕ ӕмӕ электрон дӕлстанц.
"Ӕхсӕвы ӕртӕ сахатыл уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ фехстой Староконстантиновайы аэродром. Конкретикӕ нырма нӕй, уыдис дзы детонаци, ӕрбацыдысты тагъд ӕххуысы бригадӕтӕ", - загъта агентады ныхасӕмбал.
Афтӕ ма уӕрӕсейаг Гарзджын тыхтӕ фехстой ӕфсӕнвӕндагон станцы ӕфтауц Черкасскы областы горӕт Уманы.
Ног хабӕртты лентӕ
0