Гаглойты Алан ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министры

© Sputnik / Natalia AiriyanМарат Павлов
Марат Павлов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ссӕрибар кодта Марат Павловы республикӕйы хъахъхъӕнынады министры бынатӕй, ӕмбӕлон барамынд ныммыхуыр кодтой паддзахады сӕргълӕууӕджы сайтыл.
Марат Павловы снысан кодтой Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕгӕй 2022 азы августы, уый раивта ацы бынаты Пухаты Владимиры.
"Республикӕ Хуссар Ирыстоны 50-ӕм статьяйы 7-ӕм пунктмӕ гӕсгӕ ссӕрибар кӕнын Марат Павловы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министры бынатӕй", - дзырдӕуы барамынды.
Ӕндӕр барамындӕй президент снысан кодта Сабанты Иналы хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй ӕмӕ йӕ ссӕрибар кодта министры хӕдивӕджы бынатӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0