Гаглойты Алан: РХИ аргъ кæнынц Венесуэлайæн республикæйы хæдбардзинад банымайыны тыххæй

© Пресс-служба президента РЮОРХИ аргъ кæнынц Венесуэлайæн республикæйы хæдбардзинад банымайыны тыххæй
РХИ аргъ кæнынц Венесуэлайæн республикæйы хæдбардзинад банымайыны тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц хæларадон ахастытæн æфсымæрон Венесуэлайы адæмимæ, бахахх кодта президент Гаглойты Алан йæ арфæйы телы Венесуэлайы лидер Николас Мадуромæ бæстæйы Хæдбардзинад расидыны боны цытæн.
"Нæ бæстæйы стыр аргъ кæнынц хæларадон ахастытæн æфсымæрон Венесуэлайы адæмимæ. Ныфс мæ ис, нæ паддзахадты æхсæн хæларадон ахастытæ дарддæр кæй уыдзысты фидар бындур ирыстойнаг-венесуэлаг æмархайд рауæрæх кæнынæн" - дзырдæуы арфæйы телы.
Гаглойты Аланы зæрдæ загъта Николас Мадуро æмæ Венесуэлайы цæрджытæн сабырад, хæрзæбон æмæ ног перспективæтæ.
Венесуэла банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2009 азы сентябры Уæрæсе æмæ Никарагуайы фæстæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0