Хуссар Иры ФХМ минæвары схорзæхджын кодтой уæрæсейаг æмбæстæгты змæлды райрæзты тыххæй

Пухаты Радион - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) æххæстбарджын минæвар Бенилюксы бæстæты Пухаты Радион хайад райста Европæ æмæ Цæгат Америкæйы цæрæг æмбæстæгты XVII Регионалон конференцийы.
Конференци, кæцы цыд Стамбулы, фæцис хуыцаубоны. Мадзал нывонд уыд уæрæсейаг традицион монон-фæткæвæрдон хæзнатæ бавæрынæн. Хайад дзы райстой уæрæсейаг æмбæстæгты координацион советты разамонджытæ, уæрæсейаг æмбæстæгты Регионалон æмæ Æппæтдунеон координацион советты уæнгтæ, æхсæнæдты минæвæрттæ 37 паддзахадæй.
Уæрæсейаг æмбæстæгты змæлды райрæзтмæ егъау хайбавæрд бахæссыны тыххæй Пухаты Радионы схорзæхджын кодтой уæрæсейаг æмбæстæгты Æппæтдунеон координацион советы кады нысанæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0