Хуссар Иры сæнусон кæндзысты Стыр Фыдыбæстон хæст æмæ СÆО хъайтарты нæмттæ

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры сæнусон кæндзысты Стыр Фыдыбæстон хæст æмæ СÆО хъайтарты нæмттæ
Хуссар Иры сæнусон кæндзысты Стыр Фыдыбæстон хæст æмæ СÆО хъайтарты нæмттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 апр – Sputnik. Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Уæлахизы боны размæ ацæудзысты мадзæлттæ, кæцытæ нывонд сты Стыр Фыдыбæстон хæст æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хъайтарты нæмттæ сæнусон кæнынæн", фехъусын кодтой республикæйы культурæйы министрады пресс-службæ.
"Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады æмархайдæй æстæм майы бакæндзысты эвакуацион госпиталæн нывонд мемориалон фæйнæг. Госпиталь Стыр Фыдыбæстон хæсты азты уыд Цхинвалы æртыккæгæм астæуккаг скъолайы территорийыл.
Уæлахизы боны цытæн мадзæлтты программæйы фæлгæтты ма сæнусон кæндзысты Хуссар Ирыстоны Ленингоры районæй хæстоны ном, кæцы фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы.
"Ленингоры районы Орчъосаны хъæуы æртыккæгæм майы бакæндзысты СÆО фæмардуæвæг хæстонæн нывонд мемориалон фæйнæг", - банысан кодтой культурæйы министрады.
Стыр Фыдыбæстон хæсты Уæлахизы 79-æм афæдзы бонæн нывонд мадзæлттæ ацæудзысты Хуссар Ирыстоны 3-9 майы.
Ног хабӕртты лентӕ
0