РХИ Хъахъхъӕнынады министрад архайы автомобилон ӕмӕ хӕстон техникӕйы парк рауӕрӕх кӕныныл

© Пресс-служба Минобороны РЮОРХИ Хъахъхъӕнынады министрад архайы автомобилон ӕмӕ хӕстон техникӕйы парк рауӕрӕх кӕныныл
РХИ Хъахъхъӕнынады министрад архайы автомобилон ӕмӕ хӕстон техникӕйы парк рауӕрӕх кӕныныл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрад бавнӕлдта йӕ автомобилон ӕмӕ хӕстон техникӕйы парк рауӕрӕх кӕнынмӕ, ӕмбӕлон скъуыддзаг райста хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Сабанты Инал, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Куыстытӕ уагъд цӕуынц хъахъхъӕнынадон уагдоны тыхтӕй ӕнӕ уӕлӕмхасӕн финансон фӕрӕзтӕй министрады разамонӕджы цӕстдарды бын", - банысан кодтой уагдоны.
Автомобилон ӕмӕ хӕстон техникӕйы паркы фӕстӕ Хъахъхъӕнынады министрад нывӕнды фӕхуыздӕр кӕнын ӕфсӕддон горӕты ӕндӕр объекттӕ, бафтыдтой уагдоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0