https://sputnik-ossetia.com/20240426/tskhinvaly-sanuson-kodtoy-fyssag-plity-ilyayy-nom-28849295.html
Цхинвалы сӕнусон кодтой фыссӕг Плиты Ильяйы ном
Цхинвалы сӕнусон кодтой фыссӕг Плиты Ильяйы ном
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы сӕнусон кодтой поэт, фыссӕг, тӕлмацгӕнӕг ӕмӕ публицист Плиты Ильяйы ном. Йӕ хӕдзары къулыл Советон уынджы... 26.04.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-04-26T17:37+0300
2024-04-26T17:37+0300
2024-04-26T17:37+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ирон литературæ
ӕхсӕнад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/04/1a/28846985_0:8:887:507_1920x0_80_0_0_81fb8af65904963a47553d0124f54fd0.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы сӕнусон кодтой поэт, фыссӕг, тӕлмацгӕнӕг ӕмӕ публицист Плиты Ильяйы ном. Йӕ хӕдзары къулыл Советон уынджы уымӕн бакодтой мемориалон фӕйнӕг. Мадзалмӕ ӕрӕмбырд сты интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, Плиты мыггаджы минӕвӕрттӕ ӕмӕ дзыллон информацийы фӕрӕзты кусджытӕ.Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ сӕ раныхасты дзырдтой йӕ уӕззау цардвӕндаг, сфӕлдыстад ӕмӕ хорз миниуджытыл. Мадзалы ралӕууыд Ирыстоны фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар Хъазиты Мелитон, уый ӕрӕмысыд Плиты Ильяйы куыд сабыр, хӕларзӕрдӕ гоймагӕй, кӕцы йӕ уӕздандзинадмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ критикӕ дӕр уарзта. Фыссӕджы чызг Зӕлинӕ бузныг загъта мадзалмӕ чи ӕрбацыд, уыдонӕн ӕмӕ ма рахицӕн кодта мемориалон фӕйнӕг кӕй фӕрцы рацыд гом, уыдон нӕмттӕ: Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, культурӕйы министрад ӕмӕ Фысджыты цӕдисы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/04/1a/28846985_0:0:915:686_1920x0_80_0_0_bf2b4e259933587d4e96346bdcf6434f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ирон литературæ, ӕхсӕнад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ирон литературæ, ӕхсӕнад
Цхинвалы сӕнусон кодтой фыссӕг Плиты Ильяйы ном
ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы сӕнусон кодтой поэт, фыссӕг, тӕлмацгӕнӕг ӕмӕ публицист Плиты Ильяйы ном. Йӕ хӕдзары къулыл Советон уынджы уымӕн бакодтой мемориалон фӕйнӕг.
Мадзалмӕ ӕрӕмбырд сты интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, Плиты мыггаджы минӕвӕрттӕ ӕмӕ дзыллон информацийы фӕрӕзты кусджытӕ.
Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ сӕ раныхасты дзырдтой йӕ уӕззау цардвӕндаг, сфӕлдыстад ӕмӕ хорз миниуджытыл.
"Уый уӕззау фӕндӕгтыл рацыд. Йӕ фыд тох кодта Уӕрӕсейы империйы хӕсты, йӕхӕдӕг та авд азы кары бавзӕрста 1920 азы геноцид. Плиты Илья хауы уыцы стӕм ирон фысджытӕм, кӕцытӕ ирон литературӕйы ныууагътой геноциды тыххӕй уацмыстӕ. Ӕмткӕй та йын мыхуыры рацыд 27 чиныджы бӕрц", - радзырдта йӕ хӕлар, ХИПУ-йы ирон литературӕйы профессор Плиты Гацыр.
Мадзалы ралӕууыд Ирыстоны фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар Хъазиты Мелитон, уый ӕрӕмысыд Плиты Ильяйы куыд сабыр, хӕларзӕрдӕ гоймагӕй, кӕцы йӕ уӕздандзинадмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ критикӕ дӕр уарзта.
Фыссӕджы чызг Зӕлинӕ бузныг загъта мадзалмӕ чи ӕрбацыд, уыдонӕн ӕмӕ ма рахицӕн кодта мемориалон фӕйнӕг кӕй фӕрцы рацыд гом, уыдон нӕмттӕ: Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, культурӕйы министрад ӕмӕ Фысджыты цӕдисы.