Хуссар Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад райсдзысты Уӕрӕсейы чемпионаты

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад райсдзысты Уӕрӕсейы чемпионаты
Хуссар Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад райсдзысты Уӕрӕсейы чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.04.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 апр – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ӕртӕ спортсмены Хуссар Ирыстонӕй хайад райсдзысты олимпиадӕйы агъоммӕ Уӕрӕсейы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй.
Уӕрӕсейы фондз хатты чемпион Дзӕгъиаты Сослан тох кӕндзӕн майдантыл 97 кг уӕзы категорийы.
Европӕйы чемпион ӕмӕ дунейы фыццагады бронзӕйон призер ӕрыгӕтты ӕхсӕн Бестауты Андрей, афтӕ ма Поддубныйы Лигайы уӕлахиздзау Гӕбӕраты Арсен тох кӕндзысты 125 кг уӕзы категорийы.
Олимпиадӕйы агъоммӕ Уӕрӕсейы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй уагъд цӕудзӕн "Live Арене"-йы Мӕскуыйы областы 30 апрелӕй 4 майы онг. Ерысты хайад райсдзысты 500-йӕ фылдӕр хъӕбысӕйхӕцӕджы 20 уӕзы категорийы.
Ног хабӕртты лентӕ
0